South Ossetia National Anthem - Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон Гимн [Respublikæ Hussar Irystony Paddzahadon Gimn] [Transliteration]
South Ossetia National Anthem - Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон Гимн [Respublikæ Hussar Irystony Paddzahadon Gimn] [Transliteration]
Уарзон Ирыстон! Дæ номы кадæн
Лæууæм цырагъау мах уырдыг,
Ды дæ нæ уарзты æнусон авдæн,
Ды – нæ цин æмæ хъыг!
Фæхæрæм мах дæ зæххæй ард,
Дæ ном дын исæм бæрзонд,
Удуæлдай дын кæнæм лæггад,
Дæуæн у нæ цард нывонд!
Уæ, Стыр Хуыцау! Дæ хорзæх, Дæ арфæ –
Иры Уæзæгæн Ды цардамонд ратт!
Уæззау уыд дæ ивгъуыд, Иры бæстæ,
Зылди дæ фæдыл сау фыдох,
Фæлæ-иу уæддæр дæ фарны рæстæй
Кодтой дæ зынтæ рох.
Царды рухсмæ æдзух цыдтæ,
Фыдбонты нæ саст дæ ныфс,
Сæрбæрзонд алкæддæр уыдтæ,
Æргомæй размæ цæуыс!
Уæ, Стыр Хуыцау! Дæ хорзæх, Дæ арфæ –
Иры Уæзæгæн Ды цардамонд ратт!
(Уæ, Уастырджи! Дæ хорзæх, Дæ арфæ –
Иры дзыллæйæн фæндагамонд ратт!)
Фыдæлты æрдхæрæн, Иры Уæзæг!
Зæрдæйы тæгтæй дæ нывæзт,
Ацы дунейы нын масты уæзæй
Ма у дих æмæ уæрст,
Дугæй дугмæ нæрæд дæ ном,
Бæрзонддæр кæнæд дæ кад,
Дæ ныфсæй мах цæрæм æнгом,
Дæ фæрцы рухс у нæ цард!
Уæ, Стыр Хуыцау! Дæ хорзæх, Дæ арфæ –
Иры Уæзæгæн Ды цардамонд ратт!
(Уæ, Бæсты Фарн! Дæ хорзæх, Дæ арфæ –
Нæ уарзон Ирæн Ды иу амонд ратт!
Ном æмæ йын кад!)